Хуссар Иры парламент сфидар кодта президиумы сконд

Президиумы скондмӕ бахызтысты спикер ӕмӕ йӕ хӕдивджытӕ, афтӕ ма парламенты комитеттӕ ӕмӕ къамисты сӕргълӕуджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны парламент рабадты рӕстӕджы цыппӕрӕмы сфидар кодта закондӕттӕг органы президиумы сконд.

Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 9 июны. Дӕс боны фӕстӕ ног ӕрсидты депутаттӕ ӕрӕмбырд сты фыццаг сессимӕ ӕмӕ равзӕрстой спикер ӕмӕ йӕ ӕртӕ хӕдивӕджы. Дыккаг сессийыл, 26 июны, парламент равзӕрста комитеттӕ ӕмӕ къамисты сӕргълӕуджыты.

Цхинвалы раздӕры мэры равзӕрстой парламентон комитеты сӕргълӕууӕгӕй

Абоны сессийыл сфидар кодтой парламенты президиум, уырдӕм бахызтысты спикер Тадтаты Алан ӕмӕ йӕ ӕртӕ хӕдивӕджы: Гасситы Петр, Плиты Александр ӕмӕ Чилӕхсаты Владимир.

Афтӕ ма президиумы скондмӕ бахызтысты комитетты ӕмӕ парламентон къамисты сӕргълӕуджытӕ: Джиоты Елена, Дриаты Заза, Гӕбӕраты Инал, Габатты Алан, Бибылты Ацӕмӕз, Ӕлборты Алан, Уырыгаты Инал, Дьяконты Амиран, Тадтаты Анатолий, Кокойты Валерий, Хъотайты Дмитрий ӕмӕ секретариаты сӕрдар Худжиты Руслан.

Афтӕ ма рабадты рӕстӕджы парламент сфидар кодта комитетты сӕрмагонд скондтӕ.

"Комитеттӕ арӕзт ӕрцыдысты. Ныр та сӕргълӕуджытӕ хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕной сӕ комитеттӕ ӕмӕ снысан кӕной хӕдивджыты. Хъӕуы бацӕттӕ кӕнын комитетты ӕмбӕлгӕ протоколтӕ ӕмӕ сӕ бавдисын", - банысан кодта спикер.

Уымӕй дарддӕр ма депутаттӕ сфидар кодтой регламент ӕмӕ депутатон этикӕйы фӕдыл къамисты сӕрмагонд скондтӕ.