Цхинвалы раздӕры мэры равзӕрстой парламентон комитеты сӕргълӕууӕгӕй

Ӕлборты Алан цалдӕр азы дӕргъы куыста Хуссар Иры столицӕйы хицауӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны парламенты сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл комитеты сӕрдарӕй ӕвзӕрст ӕрцыд парти "Ныхас"-ӕй депутат ӕмӕ Цхинвалы раздӕры мэр Ӕлборты Алан.

Хуссар Иры парламенты вице-спикертæй равзæрстой дыууæ партийы раздзогты

Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты йӕ кандидатурӕйыл цыппӕрӕмы парламенты сессийыл. 

Раздӕр июны депутатты корпус равзӕрста закондӕттӕн органы разамонджыты сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл комитеты сӕрдарӕй дарддӕр. Уӕд парти "Ныхас" ацы бынатмӕ банхъардта Ӕлборты Аланы кандидатурӕ, фӕлӕ фарст аргъӕвтой радон рабадтмӕ.

Абон ма депутаттӕ сфидар кӕдзысты парламенты президиум.

Ӕлборты Алан Хуссар Иры столицӕйы хицауӕй куыста 2013-2017 ӕзты.