Цхинвайлаг богал стох кæндзæн дунейы фыццагады

Дунейон ерыстæм балцæг Зассеты Арсæмæг райста Уæрæсейы фыццагады, уым 110 кг уæзы финалы тох кодтой дыууæ цхинвайлаг богалы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны хъæбысхæсты секцийы хъомылгæнинаг, Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау Зассеты Арсæмæг стох кæндзæн дунейы фыццагады Болгарийы, фехъусын кодта Sputnik йæ тренер Коцты Тамерлан.

Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой 11 хорзӕхы Уӕрӕсейы чемпионаты

"Дунейон ерыстæ цæудзысты Болгарийы 28 июлы. Мæ хъомылгæнинаг уый агъоммæ рацæудзæн дыууæкъуырийон ахуыртæ Сочийы уæрæсейаг æрыгон æмбырдгондимæ. Арсæмæг тох кæндзæн 110 кг уæзы", - загъта тренер.

Зассеты Арсæмæг æмæ Коцты Тамерланы аннæ дыууæ хъомылгæнинаг - Бестауты Андрей æмæ Дзæгъиаты Сосланæн ацы аз уыд æнтыстджын - фæсивæд расгуыхтысты Уæрæсейы фыццагады æмæ райстой балцæгтæ Европæ æмæ дунейон ерыстæм. Бестауты Андрей йе ʻнтыст сфæлхатт кодта европæйаг ерысты дæр.

Дзæгъиаты Сосланæн европæйаг ерысты архайыны фадат нæ уыд, ерысты фысым бæстæ - Польшæ лæппуæн визæ нæ радта.