"Сур фонтаны" ног цард: Цхинвалы сæйраг фæзуаты та бавнæлдтой арæзтадмæ

Ныр та аразджытæ ныфс æвæрынц ног æмгъуыдæй - дыууæ мæймæ Цхинвалы сараздзысты ног фонтан
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы бавнæлдтой столицæйы сæйраг фонтаны демонтажмæ. Нывæзтмæ гæсгæ, цæрджытæ ацы аз хъуамæ феной театры раз фонтаны æхсæрдзæнтæ – куыстытæ ам балхынцъ уыдзысты сентябры кæронмæ, фехъусын кодтой Sputnik арæзтады министрады пресс-службæйы.

Ног театры раз – ног фонтан

Цхинвалы сæйраг фонтаны алыварс ныхас æхсæнады æмæ социалон хызæджы цæуы ныр бирæ æзты дæргъы – иутæ æнхъардтой бахъахъхъæнын фонтан йæ раздæры хуызы. Фæстагмæ æрлæууыдысты нырыккон "сур" фонтаныл. 2016 азы кæронмæ Цхинвалæн ныфс дæттой саразын Цæгат Кавказы иууыл рæсугъддæр фонтан. Арæзтад бахæс кодтой цæгатирыстойнаг фирмӕ "Промикс"-æн. Фæлæ та фæстæдæр йæ арæзтад фестад татарстайнаг фирмæйы дæлбар, фонтан та кусгæйæ федтой æрмæстæдр фæлварæны рæстæджы.

"Техникон баиуы рæстæджы федтой фонтан - бынтон хуымæтæг ифтонгад сæвæрдтой. Объект ист не ʻрцыд, уымæн æмæ цы æууæлтæ уыдысты ныфсæвæрдгонд, ахæм нæ уыд", - загътой министрады пресс-службæйы.

Фонтан ныридæгæн цæуы демонтаж, аразджытæ ныфс æвæрынц уый дыууæ мæйы æмгъуыдмæ сцæттæ кæнын.

"Фæстæмæ та "Промикс" аразы фонтан, ис сын стыр фæлтæрдзинад ацы хъуыддаджы. Сентябры кæрон Цхинвалы хъуамæ скуса объект. Музыкалон фонтанæн уыдзæн фондз хицæн циклы, æхсæрдзæнтæ "кафдзысты" æндæр æмæ æндæр мелодитæм", - бафтыдтой пресс-службæйы.

Фонтаны арæзтадон куыстытæн хицæнгонд æрцыд 23 милуан сомы.

Планмæ гæсгæ, зымæгон рæстæджы фонтаны бынат уыдзæн сæрибар фæзуат, æнæ арæзтæдтæй æмæ скульптурæтæй, баиуы рæстæджы та фонтаны дон кæлдзæн зæххæй, йæхимидæг алыгъуызон ахорæнтæй тæмæнтæ калдзæн.

"Сур фонтаны" ног цард: Цхинвалы сæйраг фæзуаты та бавнæлдтой арæзтадмæ

Цхинвалы театралон фæзуат сæрибар никуы уыд — ам ивгъуыд рӕстӕджыты уыд цыртытæ советон фæтæгтæ Ленин æмæ Сталинæн, фæстæдæр та дзы арӕзт ӕрцыд фонтан. Фæлæ ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм æзтӕй фæстæмæ уый стæм хатт рухс кода цӕрджыты зæрдæтæ йæ æхсæрдзæнтæй — фонтан-иу баиу кодтой ӕрмӕстдӕр паддзахадон бæрæгбӕтты рæстæджы, сабитæ-иу систой йæ разы къамтæ æмæ та-иу изæрмæ фонтан басур. 2006 азæй фæстæмæ та хæлд фонтан сыгъд театры бæстыхайимӕ иумæ раууаты хуыз дæттой горæты центрæн.