Гарантион гъӕд: Хуссар Иры сарӕзтой "Роснефть"-ы фыццаг ӕртаггӕнӕн станц

Ӕртаггӕнӕн станц бакӕндзысты ӕввахс рӕстӕджы. Дыккаг ӕртаггӕнӕн станцы арӕзтад нывӕндынц фӕуын дыууӕ-ӕртӕ мӕймӕ, фехъусын кодта республикӕйы хицауады сӕрдары хӕдивӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны балхынцъ ис "Роснефть"-ы фыццаг ӕртаггӕнӕн станцы арӕзтад. Ӕртаггӕнӕн станцтӕй иу уыдзӕн Цхинвалы цӕгаттаг ӕрбацӕуӕны, фыдызгъӕлы завод "Растдон"-ы ныхмӕ, дыккаг та республикӕйы столицӕйы, "Нефтебаза"-йы районы.

Хицауады сӕрдары хӕдивӕг – республикӕйы экономикӕйы министр Бекъойты Геннадий радзырдта Sputnik "Роснефть"-ы ӕртаггӕнӕн станцы арӕзтад республикӕйӕн кӕй у ног инвестицитӕ экономикӕмӕ ӕмӕ бензины гарантион гъӕд.

"Афтӕ ма хъӕуы банысан кӕнын ӕртаггӕнӕн станцты уавӕртӕ ӕмӕ сӕ алыварс территориты хӕрзарӕзтад", - загъта министр.

Гарантион гъӕд: Хуссар Иры сарӕзтой "Роснефть"-ы фыццаг ӕртаггӕнӕн станц

Бекъойты Геннадий банысан кодта, ӕртаггӕнӕн станцты арӕзтад у президент Бибылты Анатолий ӕмӕ "Роснефть"-ы директор Игорь Сечины 2017 азы бадзырды фӕстиуӕг.

Цхинвалы райдыдтой аразын "Роснефть"-ы ӕртаджы станц

"Ацы бадзырдтӕм гӕсгӕ абон Хуссар Ирыстоны ӕххӕст цӕуы проект, цӕмӕй саразой дыууӕ ӕртаггӕнӕн станцы, кӕцытӕй иу ныридӕгӕн цӕттӕ у. Дыууӕ-ӕртӕ мӕймӕ байгом уыдзӕн иннӕ станц дӕр", - загъта хицауады сӕрдары хӕдивӕг.

Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны столицӕйы кусы иу паддзахадон ӕртаггӕнӕн станц ("Нефтебаза") ӕмӕ цалдӕр сӕрмагонды. Ӕртаг республикӕмӕ ласы Паддзахадон унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт", кӕцы йӕ ӕлхӕны "Роснефть"-ӕй 2014 азы бадзырдмӕ гӕсгӕ.