Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ агурынц фыдгӕнджыты, кӕцытӕ фӕцӕф кодтой милиционерты

Сӕрмагонд операци уагъд цӕуы республикӕйы Цхинвалы районы, фыдгӕнджыты агуырдмӕ ӕрбаздӕхтой кинологты куыйтимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) ӕмӕ генералон прокуратурӕйы кусджытӕ дарддӕр агурынц тӕссаг фыдгӕнджыты Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕты, кӕцытимӕ ӕхсты дыццӕджы фӕцӕф сты дыууӕ милиционеры.

Хуссар Иры милицийы дыууӕ кусӕджы фӕцӕф сты фыдгӕнӕгимӕ ӕхсты

Цау ӕрцыд Цхинвалы районы Залдайы хъӕуы. Мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг Кокойты Тарзан фехъусын кодта, тыхон структурӕтӕм кӕй ӕрбацыд информаци Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕты ӕмбӕхсӕн бынаты тыххӕй.

Информаци рабӕлвырд кӕныны тыххӕй Залдайы хъӕумӕ ацыдысты милицийы кусджытӕ ӕмӕ сӕмбӕлдысты фыдгӕнджытыл. Ӕхсты фӕстиуӕгӕн фӕцӕф сты МХМ дыууӕ кусӕджы, афтӕ ма Гӕбӕраты Сӕрмӕт дӕр.

Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ агурынц фыдгӕнджыты, кӕцытӕ фӕцӕф кодтой милиционерты

Дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр фӕтары сты хъӕды. Хъӕуы цурмӕ ӕрӕмбырд кодтой МХМ хайӕдтӕ ӕмӕ генералон прокуратурӕйы кусджыты. Агуырдмӕ ӕрбаздӕхтой кинологты дӕр куыйтимӕ.

Тыхон структурӕты кусджытӕ фехъусын кодтой, Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕт кӕй ӕмбӕхстысты хъӕуы хӕдзӕрттӕй иуы, тӕссагдзинады рӕстӕджы та иу ацыдысты ӕмбӕхсӕнмӕ хъӕдмӕ.

Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ агурынц фыдгӕнджыты, кӕцытӕ фӕцӕф кодтой милиционерты

Хъӕуы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Залдайы ничи зыдта фыдгӕнджыты тыххӕй. Тыхон структурӕтӕ сгарынц ацы информаци.

МХМ фӕцӕфуӕвӕг кусджыты аластой республикон соматикон рынчындонмӕ Цхинвалы. Сӕ уавӕр у уӕззау.

Къӕбысты Андрей, кӕцыйы азымджын кодтой адӕмы давыны, ӕрцахстой 2017 азы сӕрды. Ӕрфарсты рӕстӕджы уый басаст цалдӕр фыдракӕндыл, фӕстӕдӕр сбӕлвырд кодтой, цалдӕр бабырсты дӕр хайад кӕй райста. 2018 азы сӕрды уый алыгъд МХМ рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторӕй.