Къӕвда, их ӕмӕ тыхдымгӕ: Цӕгат Иры фӕдзӕхсынц боныгъӕды февзӕрӕй

Синоптиктӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, хӕххон бынӕтты тас кӕй у цъыфы зӕйты рацыдӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы боныгъӕды февзӕр, уыдзӕн дзы къӕвдатӕ, их ӕмӕ тыхдымгӕтӕ, хъусын кӕны республикӕйы УУМ пресс-службӕ.

"Уымæ гæсгæ тæссаг у цæугæдæтты раивылынæй, хæххон бынæтты та цъыфы зæйты рацыдæй æмæ лæбырдтытæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

УУМ кусджытæ сидынц фæндагон змæлды архайджытæм, цæмæй сæхи хъахъхъæной æмæ хæххон бынæттæм тезгъотæ аргъæвой.

Уагдоны ма банысан кодтой, УУМ цæттæ кæй у æрдзон фыдбылызты рæстæджы алыварсон æххуысмæ дæр.