Йæ цардæй ахицæн политик æмæ хæстон архæйдтыты ветеран Гæбæраты Вадим

Гæбæраты Вадим бирæ æзты дæргъы куыста бæрнон бынæтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны дæргъвæтин рынчыны фæстæ йæ цардæй ахицæн зынгæ политик æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæрвæлтау хæстон архæйдтыты ветеран Гæбæраты Вадим.

Зынгæ æхсæнадон æмæ политикон архайæг фæзиан знон изæры, цыд ыл 74 азы.

Гæбæраты Вадим уыд Гуырдзыстоны агрессийы ныхмæ активон тохгæнæг, Хуссар Ирыстоны областы Адæмон депутатты советы XX æрсидты депутат. Хицæн æзты куыста бирæ бæрнон бынæтты.

Ацы аз уалдзæджы президент Бибылты Анатолий Хуссар Ирыстоны размæцыд æмæ фидар кæныны хъуыддаджы, стæй ма хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинадмæ йæ хисæрмагонд егъау хайбавæрдты тыххæй схорзæхджын кодта Гæбæраты Вадимы майданæй "В ознаменование 10-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии".