Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕты ӕрцахстой Гуырдзыстоны территорийыл

Скъуыддзаг цӕуы фарст, цӕмӕй сӕ радтой хуссарирыстойнаг фарсӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik, Козаты Диана. Тӕссаг фыдгӕнджыты Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕты ӕрцахстой ӕртыццӕджы. Уыдон фӕнд кодтой ахизын Гуырдзыстоны территоримӕ, фӕлӕ сӕ ӕрцахстой гуырдзиаг полицийы кусджытӕ, фехъусын кодта Sputnik президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Ратдзысты хорзӕх: Хуссар Иры дарддӕр агурынц фыдгӕнджыты

Джиоты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, раздӕр Евроцӕдисы минӕвӕрттӕм Гуырдзыстоны бадзырдта Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы фембӕлдты хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргълӕууӕг Коцты Егор.

Коцты Егор радзырдта, ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕ фехъусын кодтой дыууӕ ӕбӕрӕг гоймаджы ӕрцахсыны тыххӕй, кӕцытӕй иу у цӕф.

"Мыггӕгтӕ нӕ загътой, ӕвӕццӕгӕн, уыдон сты Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕт", - загъта Коцты Егор.

Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг фехъусын кодта журналисттӕн, скъуыддзаг кӕй цӕуы фарст, цӕмӕй сӕ радтой хуссарирыстойнаг фарсӕн.

Знон Цхинвалы районы Залдайы хъӕуы тыхон структурӕтимӕ ӕхсты Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕт фӕцӕф кодтой МХМ дыууӕ кусӕджы. Фыдгӕнджытӕ фӕтары сты цауы бынатӕй.

Генералон прокуратурӕ бакодта сӕ ныхмӕ уголовон хъуыддаг, ноджы ма иу уголовон хъуыддаг та бакодтой хъӕуы цӕрджыты ныхмӕ, кӕцытӕ ӕмбӕхстой фыдгӕнджыты.