Хуссар Иры фӕсивӕд абалц сты форум "Таврида"-мӕ

Форумы фӕлгӕтты фӕсивӕд хайад райсдзысты мастер-класстӕ, тренингтӕ ӕмӕ лекциты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстонӕй хайадисджыты дыккаг къорд ацыд Ӕппӕтуӕрӕсейон фӕсивӕдон ахуырадон форум "Таврида"-мӕ Хъырыммӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

"Таврида"-йы хæрзиуæг: Цхинвалы фæзындзæн национ инструментты æрмадз

Курдиатджын фӕсивӕд бахаудзысты форумы дӕсӕм "РЭП" сменӕмӕ. Ацы сменӕйы хайадисджытӕ сты музыканттӕ, вокалисттӕ, поэттӕ, хореографтӕ, sound-продюсертӕ, битмейкертӕ.

Амӕйразмӕ республикӕйӕ хайадисджыты фыццаг къорд ацыд форумы ӕстӕм "Адӕмон сменӕ"-мӕ.

Форум "Таврида" ис гом платформӕ "Россия — страна возможностей"-йы проектты сконды. Ацы аз форумы уыдзӕн 15 сменӕйы. Уый у фӕзуат культурӕ ӕмӕ аивады ӕвзонг архайджытӕн, афтӕ ма хайадисджытӕн уыдзӕн фадат бавдисын форумы сӕ проекттӕ.