Ратдзысты хорзӕх: Хуссар Иры дарддӕр агурынц фыдгӕнджыты

Фыдгӕнджытӕ фӕтары сты цауы бынатӕй, тыхон структурӕтӕ дарддӕр уадзынц агуырд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июл – Sputnik. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ расидтысты хорзӕх дыууӕ фыдгӕнӕгыл информацийы тыххӕй, кӕцытӕ фӕцӕф кодтой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджыты, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры милицийы дыууӕ кусӕджы фӕцӕф сты фыдгӕнӕгимӕ ӕхсты

Дыццӕджы райсом Цхинвалы районы Залдайы хъӕуы ӕрцыд ӕхст МХМ кусджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕты хсӕн. Дыууӕ барадхъахъхъӕнӕджы райстой цӕфтӕ, МХМ информацимӕ гӕсгӕ фыдгӕнджытӕй дӕр иу фӕцӕф ис .

"Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ дарддӕр уадзынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ, цӕмӕй ссарой гоймӕгты, кӕцытӕм зӕрдӕ хсайы МХМ кусджыты фӕцӕф кӕнынмӕ", - фехъусын кодтой МХМ.

Уагдоны радзырдтой, дыццӕджы, 10.00 сахатыл, уголовон агуырд ӕмӕ Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕххӕст кодтой ӕрзылд цӕрӕг пункт Залдайы, цӕмӕй ссарой ӕмӕ ӕрцахсой фыдгӕнджыты.

Фыдгӕнджытӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕт ӕмӕ Къӕбысты Андрей ӕмбӕхстысты бынӕттон цӕрджытӕй иуы хӕдзары. Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы фыдгӕнджытӕ ныхмӕ фӕлӕууыдысты милицийы кусджытӕн ӕмӕ спайда кодтой автоматикон хӕцӕнгарзӕй.

Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ агурынц фыдгӕнджыты, кӕцытӕ фӕцӕф кодтой милиционерты

"Ӕхсты фӕцӕф сты милицийы дыууӕ кусӕджы. Фыдгӕнджытӕй дӕр иу фӕцӕф ис, фӕлӕ уыдон уӕддӕр фӕтары сты цауы бынатӕй", - загътой пресс-службӕйы.

Уагдон ӕрсидт алкӕмӕдӕр, цӕмӕй фехъусын кӕной информаци Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕты тыххӕй. Информацийы тыххӕй хорзӕхы суммӕ нӕ фехъусын кодтой.