Аст азы фæстæ: низæфхæрд сылгоймаг суæгъд хæдзарон уацарæй

Йæ дыууæ фырты мæлæт æмæ низимæ тох Уалыты Зояйы æркодтой къаласкæмæ æмæ хæдзарон ахæстмæ, аст азы дæргъы сылгоймагæн рахизæн нæ уыд æддæмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Гафезы уынджы æхсæзæм бирæуæладзыгон хæдзары цæрæг Уалыты Зоя аст азы хæдзарон ахæсты фæстæ рахызт кæртмæ - сылгоймагæн йæ фатермæ сарæзтой пандус.

Йæ дыууæ фырты мæлæт, сæкæр, зæрдæ, гангренæйы низимæ тох Уалыты Зояйы бакодтой фатеры къулты ахæсты. Сылгоймаг уæззау хъысмæтимæ тохы аззад йæ чызг Лияимæ иунæгæй.

Аст азы фæстæ: низæфхæрд сылгоймаг суæгъд хæдзарон уацарæй

Фæстаг æзты Хуссар Иры фæзынд инвалидты центр "Точка опоры", президенты дæлбар скуыста низæфхæрд адæмæн æххуысы нывæзт - æлхæд цæуынц къаласкæтæ, æнгæс æххуыс кæны ӔСДК мисси дæр. Ацы аз ма хæрзаудæн мадзалттæм æрбамбал ис пандусты арæзтад. Фыццаг ацы хæрзиуæг сæмбæлд Уалыты Зояйыл. Нырма хæдзары рацаразинæгтæ бирæ ис, фæлæ уæддæр уавæр зынгæ фæхуыздæр.

"Алы бон дæр сын кувын мæнæн ацы хорздзинæдтæ чи сарызта, уыдонæн. Рудзынгæй иу кастæн æмæ бæллыдтæн кæртмæ ахизынмæ", - загъта Зоя.

Сылгоймагæн йæ проблематæ райдыдтой 2008 азы хæсты фæстæ.

"Хæсты рæстæджы ныккæнды баззадыстæм цалдæр суткъæ, мæ къæхтæ хицæн кодтой. Къахы ʻнгуылдзтæй хæф цæуын райдыдта. Стых мыл сты низтæ. Иу къуырийы æмгъуыдмæ зæрдæйыл сарæзтой операци æмæ алыг кодтой къах" - зæгъы Зоя.

Бирæ æзты дæргъы рохуаты фæстæ сылгоймаджы уæззау уавæрмæ хъусдард раздæхтой хицауад æмæ хæрзгæнджытæ. Усæн йæ фатермæ сарæзтой пандус, цадæггай хатæнтæ рацарæзт цæуынц, цæмæй дзы æдæрсгæйæ змæла къаласкæ. Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, президент æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад баххуыс кодтой хоскæнынмæ ацæуынæн, центр "Точка опоры"-йы хицау Хъæцмæзты Лео та æппынæдзух балæууы йæ фарсмæ. Президенты уынаффæгæнæг Гæззаты Дауыт баххуыс кодта фыццаг къæпхæны инвалиды пенси сфидар кæнынæн документтæ бацæттæ кæнын.

Дунемæ рахызт: Хуссар Иры инвалидтæн сарæзтой æвзарæн фадгуыты схъæлæс кæныны фадат

"Бирæ адæмæй зонын ноджы лæггад - Тедеты Гоча Дзæуджыхъæуы хоскæнын рæстæджы мæ дохтырмæ кодта, Кокойты Шота лæварæй сарæзта дуар, ме 'фсымæр æмæ сыхæгтæн сæ бон цæмæй у, уымæй æххуыс кæнынц", - дзуры сылгоймаг.

Ныридæгæн парти "Иугонд Ирыстон"-ы æмархайдæй хæдзармæ арæзт æрцыд пандус – сылгоймаг хæдзарон ахæстæй раивæрзт, фæлæ æнæххуысæй йæ бон рахизын уæддæр нæма у.

Аст азы фæстæ: низæфхæрд сылгоймаг суæгъд хæдзарон уацарæй

"Хæдзары арæзт æппæтдæр куы фæуа, уæд–иу мæ мады мемæ акæнин æмæ цæхæрадон уæддæр кусин. Мад иунæгæй нæ уæнды æмæ мын куыстмæ бацæуыны фадат нæй", - зæгъы йæ чызг Лия.

Ныридæгæн Уалыты Зояйæн йæ къах ногæй низ кæнын райдыдта, хъæуы йæ Дзæуджыхъæумæ акæнын дохтыртæм, фæлæ бинонтæн сæ авналæнтæ сты къуындæг.

Аст азы фæстæ: низæфхæрд сылгоймаг суæгъд хæдзарон уацарæй

"Нæ инвалиды пенси нырма нæ исæм, хæстæ дæр нын ис, вæййы ахæм рæстæг æмæ бинт кæд 10 сомы еддæмæ нæу, уæддæр нæм уый фаг дæр нæ вæййы", - дзуры чызг Лия Беруашвили.

Уалыты Зояимæ æнгæс уавæрты Цхинвалы ис нырма дзæвгар адæм. Сæ проблематимæ æввахс зонгæ у инвалидты центр "Точка опоры"-йы хицау Хъæцмæзты Лео. Уый ныридæгæн цæттæ кæны инвалидты хæдзæрттæм пандусты проекттæ.

"Уый фыццаг фæзынд Хуссар Иры æхсæнады, хицауад сæ хъусдард раздæхта низæфхæрд адæммæ, дарддæр хъуамæ уа хуыздæр", - загъта Sputnik инвалидты центр "Точка опоры"-йы хицау Хъæцмæзты Лео.