Хуссар Иры президент ӕрцыд Никарагуамӕ

Республикӕйы делегаци Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй хайад райсдзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд сты Сандинистон революцийы 40-ӕм афӕдзы бонӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕрцыд Никарагуамӕ кусӕгон балцы, хъусын кӕны цыппӕрӕмы паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Манагуайы аэропорты президентыл сӕмбӕлдысты Никарагуайы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Луис Альберто Молина Куадра ӕмӕ Никарагуайы президенты сӕрмагонд минӕвар базарадон-экономикон фарстыты фӕдыл Уӕрӕсеимӕ Лауреано Ортега.

Уыцы бон ма Бибылты Анатолий фембӕлд Никарагуайы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Денис Монкадоимӕ. Фарсытӕ ӕрдзырдтой дыууӕварсон ӕмгуыстады фарстытыл.

"Революцийы афӕдзы боны бӕрӕгбонӕн ис ахсджиаг историкон ӕмӕ политикон нысаниуӕг. Уӕ балц равдыста, кӕй фидар кӕнынц хӕларадон ахастытӕ ӕмӕ ӕмгуыстад нӕ бӕстӕты хсӕн", - загъта Никарагуайы ФХМ сӕргълӕууӕг.

Хуссар Иры президент ӕрцыд Никарагуамӕ

Президент загъта бузныг ӕрхуынды тыххӕй ахӕм нысаниуӕгджын цаумӕ ӕмӕ раарфӕ кодта министрӕн историкон цауты 40-ӕм афӕдзы боны цытӕн.

"Тынг ӕхсызгон мын у хайад райсын ахӕм нысаниуӕгджын цауы. Нӕ адӕм ӕмхуызон сты сӕ тырнынады хӕдбардзинадмӕ", - бахахх кодта президент.

Хуссар Иры президент ӕрцыд Никарагуамӕ

Президент банысан кодта дыууӕварсон ахастыты райрӕзты динамикӕ ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, фидӕны дарддӕр кӕй фидар кӕндзысты.

Уымӕй дарддӕр Бибылты Анатолий бацыд Уӕрӕсейы миниварадмӕ Никарагуайы, цы ран фембӕлд уӕрӕсейаг минӕвар Андрей Будаевимӕ.

Хуссар Иры президент ӕрцыд Никарагуамӕ

РХИ делегацийы сконды сты республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвар Никарагуайы Козаты Нарим.

Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы, Уӕрӕсейы аналогион скъуыддзагӕй дыууӕ къуыри фӕстӕдӕр. Уый фӕстӕ республикӕйы суверенитет банымадтой Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.