Уӕрӕсейаг 58-ӕм ӕфсад раргъӕвта десант Хуссар Иры хӕхты

Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕдты архайдӕн къухдариуӕгад кӕны Александр Дворников, кӕцыйӕн райста фӕлтӕрдзинад Сирийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Хуссар ӕфсӕддон зылды 58-ӕм ӕфсады разӕсгарджыты раргъӕвтой Мамысаны ӕфцӕджы районы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕхты Ручъы тоннелы районы, хъусын кӕны цыппӕрӕмы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Цӕгат Ир цӕттӕ кӕны райсын форум "Армия-2019"

Ацы мадзӕлттӕ уагъд цыдысты Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕдты хӕстон цӕттӕкӕнынады фӕлгӕтты инӕлар-булкъон Александр Дворниковы къухдариуӕгады бын.

"Ахуырты рӕстӕджы ӕфсӕддонтӕ бацахстой ахсджиаг бӕрзӕндтӕ, цӕмӕй сӕ хъус дарой ӕфцӕгмӕ фӕндӕгтӕм. Разӕсгарджытӕ сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ бахъахъхъӕдтой хӕххон районтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Иумӕйагӕй 58-ӕм ӕфсады хайӕдты ахуырты Цӕгат Кавказы хайад исынц ӕхсӕз мин ӕфсӕддоны ӕмӕ техникӕйы 1,5 мин иуӕджы.

Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Александр Дворников 2015-2016 ӕзты уыд Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты командӕгӕнӕг Сирийы.

Уӕрӕсейаг 58-ӕм ӕфсад раргъӕвта десант Хуссар Иры хӕхты