ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй уыд балцы никарагуанаг горӕттӕ Масая ӕмӕ Гранадайы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Горӕт Масайы мэр Орландо Ногуэраимӕ хуссарирыстойнаг делегаци бабӕрӕг кодта горӕты фендтаг бынӕттӕ ӕмӕ фольклорон равдыст. Афтӕ ма сӕххӕст ис фембӕлд Гранадайы мэр Джулия де ла Круз Мена Ривераимӕ.
Делегацийы уӕнгтӕ базонгӕ сты бӕстӕйы культурӕ ӕмӕ традицитимӕ, афтӕ ма радзырдта Республикӕ Хуссар Ирыстоны историйы тыххӕй.
Бибылты Анатолийы кусӕгон балцы сӕйраг мадзӕлттӕ ацӕудзысты Сандинистон революцийы 40-ӕм афӕдзы боны бӕрӕгбоны фӕлгӕтты, кӕцы нысан кӕнынц майрӕмбоны, 19 июлы.
РХИ делагицийы сконды сты республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвар Никарагуайы Козаты Нарим.