ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны информацион уагдон ацы аз активон куыст кодта, цӕмӕй сараза проект "Ӕргом хицауад", кӕцыйы фӕлгӕтты хицауады уӕнгтӕн раттынц фӕзуат, цы ран сӕ бон у ралӕууын ӕмӕ ӕрныхас кӕнын ӕхсӕнадимӕ. Уый тыххӕй республикӕйы премьер-министр Пухаты Эрикӕн фехъусын кодта РХИ паддзахадон информацийы комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Мария, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Хъотайты Марияйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хицауад ӕмӕ ӕхсӕнады хсӕн ӕмархайд фӕфылдӕр кӕндзӕн паддзахадон аппараты куысты гъӕд.
Комитеты сӕргълӕууӕг банысан кодта, стӕм хатт чиновниктӕ кӕй нӕ фӕхизынц гом диалогмӕ, ӕмӕ уый ӕвзӕр разыны сӕ медиаимиджыл.
Уымӕй дарддӕр Хъотайты Мария бахахх кодта, ӕрдӕг азмӕ комитет кӕй ауагъта 30 мадзалӕй фылдӕр, кӕцытӕ здӕхт сты паддзахадон информацион политикӕйы реализацимӕ.
Доклады сӕйраг хъусдард здӕхт уыд ӕддагон информацион политикӕйы темӕмӕ, цӕмӕй саразой хорз имидж Хуссар Ирыстонӕн.