Мӕскуыйаг "Спартак" бакӕндзӕн Дзӕуджыхъӕуы футболон скъола

Футболы скъоламӕ ӕвзардзысты курдиатджын сывӕллӕтты республикӕйы столицӕ ӕмӕ районтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Футболон клуб "Спартак" (Мӕскуы) нывӕнды бакӕнын Дзӕуджыхъӕуы футболы скъола, хъусын кӕны Осетия-Ирыстон.

Сывӕллӕтты футболон академи фӕзындзӕн Цӕгат Иры

Алкӕцы хуыцаубон дӕр ӕвзарынц фидӕны чемпионты, цӕмӕй сӕ фӕхоной ахуыр кӕнынмӕ Мӕскуымӕ.

Мӕскуыйаг "Спартак"-ы футболон скъолайы ахуыр цӕгатирыстойнаг столицӕйы райдайдзӕн ацы фӕззӕджы. Скъола нывӕндынц бакӕнын 15 сентябры. "Спартак-Мӕскуы" академийы Цӕгатирыстойнаг филиалы разамонӕг Габуты Алан банысан кодта, аз цалдӕр хатты сӕрмагонд къамис кӕй цӕудзӕн ӕмӕ ӕвзардзӕн курдиатджын сывӕллӕтты.