Цхинвалы хай дыууӕ боны баззайдзӕн ӕнӕ донӕй

Дон ахицӕн кӕндзысты Хуссар Ирыстоны столицӕйы донифтонгады хызӕг Уанаты доны хӕтӕлмӕ баиу кӕныны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы скӕсӕны фарс 24 ӕмӕ 25 июлы баззайдзӕн ӕнӕ донӕй, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Алан.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, дон ахицӕн кӕндзысты Хуссар Ирыстоны столицӕйы донифтонгады хызӕг Уанаты доны хӕтӕлмӕ баиу кӕныны тыххӕй.

"Донифтонгад ахицӕн кӕндзысты Мӕскуыйаг ӕмӕ Ирӕтты уынгыл, афтӕ ма микрорайонтӕ "Текстиль" ӕмӕ "ЦАРЗ"-ы. Дон нӕ уыдзӕн столицӕйы район "Фаллаг фарсы" дӕр", - загъта Цхуырбаты Алан.

Куыстуаты сӕргълӕууӕг бафтыдта, дон кӕй ахицӕн кӕндзысты Леуахийы галиу фарсӕй Хъайтарты ӕмӕ Харебаты Исахъхъы уынгты алвӕндаджы онг.

Дон графикмӕ гӕсгӕ: Цхинвалы микрорайонтӕ ракодтой радон донифтонгадмӕ

Цхинвал донæй ифтонг цæуы доны хæтæл Едыс–Цхинвалæй. Ацы магистралон хахмæ дон цæуы цыппар къалиуæй, уыдонæй дыууæ — Дзомагъ æмæ Брытъат — сты гом. Баиу сæ кæнынц зымæгон рæстæг, цъититæ куы ныссæлынц æмæ зæххы бын уый бæрц куы нал вæййы дон. Фæлæ уалдзæджы донивылдты рæстæджы уыдон сызмæнтынц æмæ сæ бахъæуы ахицæн кæнын.

Доны проблемӕ хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна инвестицион нывæзты фæлгæтты Уанат-Цхинвалы фæстауæрцон доныхæтæлы арӕзтад.