Цӕсгомджын куысты тыххӕй: компани "Остелеком"-ы кусджытӕ райстой паддзахадон хорзӕхтӕ

Бузныджы фыстӕджытӕ президент Бибылты Анатолийы номӕй райстой компанийы фондз кусӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик радта "Остелеком" (Мегафон – Хуссар Ирыстон) кусджытӕн паддзахадон хорзӕхтӕ президент Бибылты Анатолийы номӕй бирӕазон цӕсгомджын куысты тыххӕй дзыллон коммуникациты фадыджы ӕмӕ компанийы сӕвзӕрдыл 15 азы сӕххӕсты цытӕн, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Цхинвалы фæзынд интернет-лæггæдты фидыны терминалтæ

Хорзӕхтӕ райстой Хъуылымбегты Алексей, Санахъоты Лариса, Хуыгаты Майя, Дудайты Александр ӕмӕ Ӕлборты Руслан.

"Президент ӕмӕ хицауады номӕй уын арфӕ кӕнын организацийы сӕвзӕрдыл 15 азы сӕххӕсты цытӕн ӕмӕ уын мӕ цӕст уарзы дарддӕры ӕнтыстытӕ уӕ куысты. Сымах тырнут ӕххӕст кӕнын мобилон бастдзинады хорз гъӕд", - бахахх кодта Пухаты Эрик йӕ арфӕйы.

Остелекомы генералон директор Роман Коврига банысан кодта, компани кӕй архайы дӕттын цӕрджытӕн гъӕдджын мобилон бастдзинад ӕмӕ загъта бузныг хицауады сӕрдарӕн ӕххуысы тыххӕй сӕ хӕслӕвӕрдтӕ аскъуыддзаг кӕныны хъуыддаджы.