Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрадӕн сараздзысты сӕрмагонд плац парадтӕм цӕттӕкӕнынадӕн

Раздӕр бӕрӕгбонон марштӕм репетицитӕ ӕфсӕддонтӕ уагътой уӕрӕсейаг базӕйы плацыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады территорийыл сараздзысты плац ӕфсӕддон парадтӕ ӕмӕ бӕрӕгбонон мадзӕлттӕм цӕттӕкӕнынады тыххӕй, хъусын кӕны хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.

Ӕфсӕддонтӕ аразынц Цхинвалы плац ӕмӕ ангар хӕстон техникӕйӕн

Хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, раздӕр уагдонӕн кӕй нӕ уыд йӕхи плац, ӕфсӕддон парадты ахуыртӕ та цыдысты 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы территорийыл.

Плац нывӕндынц саразын раздӕры авиазаводы территорийыл, уырдӕм фарон сӕрды ахызтысты Хъахъхъӕнынады министрады генералон штаб ӕмӕ хайад. Ацы ран арӕзт цӕуы ангар ӕфсӕддон техникӕйӕн.

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрадӕн сараздзысты сӕрмагонд плац парадтӕм цӕттӕкӕнынадӕн

Куыстытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнынц РХИ Хъахъхъӕнынады министрады фатерон-эксплуатацион хайады кусджытӕ, архайы дзы уагдоны арӕзтадон техникӕ.