Къуылыхты Анна: диссаджы ӕнкъарӕнтимӕ ӕрцыдыстӕм "Таврида"-йӕ

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты студенткӕ Куылыхты Анна фӕсивӕдон ахуырадон форум "Таврида"-йы тыххӕй
Sputnik

Хуссар Ирыстонӕй хайадисджыты къорд уыд Ӕппӕтуӕрӕсейон фӕсивӕдон ахуырадон форум "Таврида"-йы Хъырымы. Уый тыххӕй фехъусын кодта радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн Паддзахадон университеты студенткӕ Къуылыхты Анна, кӕцы хайад иста форумы фыццаг къорды "Адӕмон сменӕ"-йы.

"Мӕнмӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ у, цӕмӕй Иры фӕсивӕд цӕуа ахӕм форумтӕм, уымӕн ӕмӕ не`взаг ӕмӕ нӕ культурӕмӕ тынг стыр хъусдард ис форумы хайадисджытӕй. Мах дӕр базонгӕ стӕм семӕ, уыдис дзы Уӕрӕсейы алы горӕтӕй дӕр адӕм ӕмӕ мах уым кӕрӕдзиимӕ тынг ӕрбангом стӕм, уӕлдай дӕр Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй фӕсивæдимæ", - загъта Къуылыхты Анна.