Аразджытӕ ногӕй бавнӕлдтой фонтаны арӕзтадмӕ Цхинвалы: сӕ куыст сын басгӕрста премьер

Раздӕры нардуатон организаци Эверест нӕ сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ, куыст адарддӕр кодта ног компани
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы театралон фӕзуатыл фонтаны арӕзтад фӕуыдзӕн фӕззӕджы ӕмбисмӕ, фехъусын кодтой аразджытӕ республикӕйы хицауады сӕрдар Пухаты Эрикӕн.

"Сур фонтаны" ног цард: Цхинвалы сæйраг фæзуаты та бавнæлдтой арæзтадмæ

Музыкалон фонтаны арӕзтад театралон фӕзуатыл ӕрурӕдтой фехӕлдты тыххӕй, кӕцы сӕххӕст кодта раздӕры нардуатон организаци. Ныртӕккӕ куыстытӕ адарддӕр кодта "Промикс", кӕцыйы минӕвар радзырдта премьер-министрӕн арӕзтадон куыстыты тыххӕй, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Аразджытӕ фидарӕй загътой, куыстытӕ кӕй райдыдтой проектон документацимӕ гӕсгӕ, объект та ратдзысты эксплуатацийы фӕззӕджы ӕмбисмӕ.

Объекты басгӕрсты хайад райста Цхинвалы мэр Коцты Алан дӕр. Хицауады сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, столицӕйы администраци хъуамӕ йӕ цӕст дара арӕзтады алкӕцы этапмӕ дӕр.