Аразджытӕ балӕвар кодтой Цхинвалы интернатӕн ног генератор

Специалисттӕ развӕлгъау басгӕрстой скъола-интернаты бӕстыхай Хуссар Ирыстоны столицӕйы, цӕмӕй йын саргъ кӕной йӕ энергетикон домӕнтӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Арӕзтадон компани "СТМ-Юг" радта Цхинвалы скъола-интернатӕн ног электрогенератор, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.

Цхинвалы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бафснайдтой кувӕндӕтты бырон

Аразджытӕ генератор равзарынмӕ бацыдысты лӕмбынӕгӕй.

"Нӕ компанийы специалисттӕ разамонӕг Коцты Олегы фӕдзӕхстӕй развӕлгъау басгӕрстой бӕстыхай ӕмӕ сбӕрӕг кодтой йӕ энергетикон домӕнтӕ. Уый фӕстиуӕгӕн балхӕдтой 8 кВт хъомысы генератор. Ныр скъола ифтонг уыдзӕн йӕхи электроэнергийӕ авариты рӕстӕджы. Ӕхсызгон нын у ӕххуыс кӕнын сывӕллӕттӕн", - радзырдта компанийы сӕйраг инженер Хъантеты Таймураз.

Республикӕйы хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, амалиуӕггӕнджытӕм кӕй хъӕуы хорз ахаст дарын ацы социалон бӕрндзинӕдтӕ сӕхимӕ райсыны тыххӕй.

"СТМ-ЮГ" йӕхи равдыста хорз арӕзтадон организацийӕ ӕмӕ сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ иууылдӕр. Сӕ лӕвар скъола-интернатӕн ноджы фӕфылдӕр кодта сӕ репутаци", - загъта хицауады сӕрдар.

Премьер-министр бафтыдта, зӕгъгӕ, амалиуӕггӕнджытӕм, кӕцытӕ ӕфтиаг райсынӕй дарддӕр ӕххуыс кӕнынц скъуыддзаг кӕнын социалон проблемӕтӕ, хъӕуы дарын хорз ахаст.