"Мӕрдты горӕт" Дӕргъӕвсы ногӕй бакодтой туристтӕн

Дӕргъӕвсы некрополь ӕхгӕд ӕрцыд социалон хызӕгты видеойы апарахаты фӕстӕ, цы ран вандалтӕ зӕппӕдзтӕй райстой сӕргӕхцтӕ ӕмӕ сӕ равӕрдтой лӕгӕттӕм бахизӕнты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. "Мӕрдты горӕт" Цӕгат Ирыстоны ногӕй бакодтой туристтӕн - историкон-архитектурон цыртдзӕвӕн ӕхгӕд ӕрцыд вандализмы акты фӕстӕ, хъусын кӕны Вести.ru.

Куыд мӕ фӕивтой хӕхтӕ

Цӕгат Кавказы иууыл стырдӕр зӕппадзы ныгӕд сты 10 мины онг аланы - ирон адӕмы фыдӕлтӕ. Нектополы хицау куыд нысан кӕны, афтӕмӕй вандализмы цаутӕ ныры хуызӕн арӕх никуы цыдысты ацы бынаты. Уый адыл райстӕуыд  скъуыддзаг цыртдзӕвӕн сӕхгӕнын туристтӕн.

Цӕгат Ирыстоны культурӕйы министрад кусы ацы цыртдзӕвӕны фидӕны концепцийыл. Ныридӕгӕн дзы фӕтыхджын кодтой ӕппынӕдзух хъахъхъӕд, тагъд рӕстӕджы та дзы сӕвӕрдзысты цӕстдарӕн камерӕтӕ.