"Этнолагерь 2019": фæсарæйнаг уазджыты нывæзт Хуссар Иры

Æртæбонон балцы рæстæджы уазджытæ фендзысты Дзауы æмæ Знауыры районы фендтаг бынæттæ, архайдзысты августы хæсты мысæн мадзæлтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Фæндзæм юбилейон культурон-ахуырадон проект "Этнолагерь 2019"-ы архайджытæ æртæ бонмæ æрцæудзысты Хуссар Ирмæ. Уазджытæ архайдзысты фыдохы мадзæлтты, уыдзæн сын экскурситæ районæм, стæй ма бакæсдзысты документалон кинонывтæм, фехъусын кодтой Sputnik фæсивæдон политикæйы комитеты пресс-службæйы.

Цæгат Ирыстоны йæ куыст райдыдта культурон-ахуырадон проект "Этнолагерь 2019". Йæ архайджытæ сты Ирландийы, Турчы, Сирийы, Германийы æмæ Гуырдзыйы цæрæг ирæттæ. Хуссар Иры лагеры архайджытæ уыдзысты 7-9 августы.

Хуссар Иры Дзауы районы байгом уыдзӕн этнографион лагерь

"Этнолагеры архайджытæ æрцæудзысты Цхинвалмæ 7 августы. Фыццаг бон уыдон уыдзысты 2008 азы хæсты фыдохы мадзæлтты архайджытæ. Уый фæстæ сæм æнхъæлæмæ кæсы зонгæгæнæн экскурси Дзауы районмæ. Уыцы бон ма дунейы алы къуымтæй æрцæуæг ирæттæн уыдзæн фембæлд зындгонд ахуыргонд, историк Гаглойты Юриимæ, стæй ма бакæсдзысты Мамиты Григорийы ист кинонывтæ "Ирон "Вандея" æмæ "Фарастæй иумæ"-мæ", - загътой пресс-службæйы.

Уагдоны ма бынысан кодтой, сæ балцы кæройнаг бон нывонд кæй уыдзæн Знауыры районимæ зонгæ кæнынæн.

Фæсарæнты чи цæры æмæ йæ фыдæлты æвзаг æмæ традицитæ зонын кæй фæнды, уыдонæн лагерь æрвылаз саразы Цæгат Ирыстоны национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрад.