ЦХИНВАЛ, 30 июл - Sputnik. Дзауы районы 12-ӕй 15 августмӕ уагъд цӕудзӕн этнографион лагерь, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ. Лагеры хайад райсыны бар ис 14-18 азы кары фӕсивӕдӕн.
"Лагеры программӕйы сты: ахуырадон лекцитӕ, экскурситӕ Дзауы районы федтаг бынӕттӕм, ӕрдынӕй ӕхсын, Ирон Хъазт ансамбль Уацамонгӕ"-йы хайадистӕй, кинонывты равдыст ӕмӕ ӕндӕртӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Этнолагеры нысаниуӕг у ӕрбаздахын фӕсивӕды хъусдард ирӕтты историкон ӕмӕ культурон бындуртӕм, фӕфылдӕр кӕнын зонындзинӕдтӕ ирӕтты истори, ӕвзаджы культурӕ, националон характер, традицитӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй.
Лагеры хайад райсыны тыххӕй хъӕуы бадӕттын фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитетмӕ райгуырды ӕвдисӕндар кӕнӕ паспорты копи, медицинон справкӕ ӕмӕ куырдиат ныййарджытӕй.
Лагерь уагъд цӕуы паддзахадон программӕ "Республикӕ Хуссар Ирыстоны рӕзгӕ фӕлтӕры монон-фӕткон хъомылады" фӕлгӕтты.