Рамбылдта фавориты: цхинвайлаг богал Зассеты Арсæмæг ахызт дунейы фыццагады финалмæ

Ирон лæппу финалмæ фæндагыл рамбылдта æртæ богалы Инди, Болгари æмæ Иранæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны хъæбысхæсты секцийы хъомылгæнинаг, 2019 азы Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау Зассеты Арсæмæг дунейы фыццагады Болгарийы æнтысджын тохы фæрцы ахызт ерысты финалмæ. Ӕрдæгфиналы уæззау тохы уый рамбылдта турниры фавориты.

Дыццæджы изæры, 18 сахатыл Зассеты Арсæмæг фембæлдзæн гуырдзиаг богал Георгий Чихрадзеимæ.

"Фыццаг дыууæ тохы Арсæмæг рамбылдта æнцонæй, фæлæ æрдæгфиналы фембæлд гауызыл рацыд уæззау. Йæ ныхмæлæууæг ирайнаг богал, Азийы уæлахиздзау Салар Сайед Хабибиехсани нымад цыд турниры фаворитыл. Фæстаг секундтыл нæ богалæн бантыст ныхмæлæуды хатдзæг ракæнын йæхи пайдайæн, фембæлд ахицæн 8:5 хыгъдæй", - хъусын кæны спорты комитет тренер Коцты Тамерланы ныхæстæ.

Дунейон ерыстæм балцæг Зассеты Арсæмæг райста Уæрæсейы фыццагады, уым 110 кг уæзы финалы тох кодтой дыууæ цхинвайлаг богалы. Дунейон ерыстæ райдыдтой Болгарийы 29 июлæй.

Тренеры хуызист: Коцты Тамерлан æмæ йæ "зæрин" богалтæ

Зассеты Арсæмæг æмæ Коцты Тамерланы аннæ дыууæ хъомылгæнинаг - Бестауты Андрей æмæ Дзæгъиаты Сосланæн ацы аз уыд æнтыстджын - фæсивæд расгуыхтысты Уæрæсейы фыццагады æмæ райстой балцæгтæ Европæ æмæ дунейон ерыстæм. Бестауты Андрей йе ʻнтыст сфæлхатт кодта европæйаг ерысты дæр.

Дзæгъиаты Сосланæн европæйаг ерысты архайыны фадат нæ уыд, ерысты фысым бæстæ - Польшæ лæппуæн визæ нæ радта.