Дзауы районы хистæр базонгæ хъæуты цæрджыты проблемæтимæ

Районы цæрджытæ хъаст кодтой æвзæр фæндæгтæй, электронон рухсы цухдзинæдтæ æмæ нуазыны доны хъуагдзинæдтæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 июл - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей азылд районы хъæутыл, фембæлд цæрджытимæ æмæ базонгæ сæ проблемæтимæ, хъусын кæны администрацийы пресс-службæ.

Дзауы районы хистæр базонгæ хъæуты цæрджыты проблемæтимæ

Хъæуты цæрджыты проблемæтæн сæ фылдæр сты æмхуызон - æвзæр фæндæгтæ, электронон рухсы цухдзинæдтæ, нуазыны доны æмæ цæрæнуаты хъуагдзинад.

"Кæцыдæр хъæуты фæндæгтæ æрцыдысты раууатмæ, хъæуы сæ сцалцæг кæнын. Уæлдай æвзæр уавæры вæййынц уалдзæджы - къæвдатæ сæ ныхсынц æмæ кæцыдæр хъæутæм бынтондæр бацæуæн нал вæййы", - радзырдтой пресс-службæйы.

Кæцыдæр хъæуты та ис нуазыны доны проблемæ, уый æвзæрын кæны стыр зындзинæдтæ хъæууон цæрджытæн.

Дзауы районы хистæр базонгæ хъæуты цæрджыты проблемæтимæ

Уымæй дарддæр ма районы хистæрмæ бахатыдысты, цæмæй раивой электрохаххы цæджындзтæ. Кæцыдæр хъæуты уыдон ивд не 'рцыдысты бирæ æзты дæргъы, уымæ гæсгæ арæх ахуыссы рухс.

"Уымæй дарддæр ма цæрджытæ хъаст кæнынц æвзæр цæрæнуатон уавæртæй. Кæмæн бынтондæр нæй хæдзар, кæмæн хъæуы раивын йæ агъуыст æмæ афтæ дарддæр", - хъусын кæны администрацийы пресс-службæ.

Районы хистæр ныфс бавæрдта цæрджытæн, сæ куырдиæттæ æнæ хъусдардæй кæй нæ баззайдзысты æмæ цадæггай цæрджыты проблемæтæ кæй цæудзысты скъуыддзаг.

Дзауы районы хистæр базонгæ хъæуты цæрджыты проблемæтимæ