Хуссар Иры хицауад снысан кодта фӕдзӕхстон компани "Алани"-йы сӕргълӕууӕджы

Компани "Алани"-йы сӕргълӕууӕджы вакантон бынатмӕ конкурсы хайад истой авд адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 июл - Sputnik. Фӕдзӕхстон компани "Алани"-йы генералон директорӕй снысан кодтой Тедеты Рудольфы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ. Ахӕм кадрон ивындзинад сӕххӕст кодтой хицауады рабадтыл дыццӕджы.

Хуссар Иры министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕттӕ хыгъдлӕвӕрд ратдзысты хицауадӕн

Компани "Алани"-йы сӕргълӕууӕджы вакантон бынатмӕ конкурсы хайад истой авд адӕймаджы. Баныхасы фӕстиуӕджытӕм гӕсгӕ, къамис равзӕрста Тедеты Рудольфы, кӕцыйӕн ис стыр фӕлтӕрддзинад фӕдзӕхсыны фадыджы.

"Уый хорз зонгӕ у спецификӕимӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ ӕзты дӕргъы куыста ацы фадыджы Уӕрӕсейы территорийыл", - банысан кодта хицауады аппараты разамонӕг Гаглойты Олег.

Амӕйразмӕ, 2006 азы аскъуыддзаг кодтой рацаразын паддзахадон фӕдзӕхстон компани "Алани" арӕнӕвӕрд уавӕртимӕ ӕхсӕнадмӕ паддзахады сӕдӕпроцентон хайадистӕй.

Премьер-министр Пухаты Эрик бахахх кодта, зӕгъгӕ, цӕрджытӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ сты фӕдӕхстон лӕггӕдтӕ ӕмӕ фидарӕй загъта, Тедеты Рудольф цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзӕн йӕ хӕслӕвӕрдтӕ.