Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсӕмӕг ссис дунейы чемпион

Финалон тохы ирон хъӕбысӕйхӕцӕг рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Гуырдзыстонӕй 10:0 хыгъдӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг, Уӕрӕсейы чемпион-2019 Зассеты Арсӕмӕг рамбылдта сыгъзӕрин майдан дунейы чемпионаты юниорты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Болгарийы уагъд цӕуӕг турниры ирон спортсмен архайдта Уӕрӕсейы фӕсивӕдон командӕйы сконды 110 килограмм уӕзы категорийы.

"Финалон тохы, кӕцы ацыд дыццӕджы изӕры, нӕ богал рамбылдта гуырдзиаг спортсмены 10:0 хыгъдӕй", - банысан кодта Коцты Тамерлан.

Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсӕмӕг ссис дунейы чемпион

Финалмӕ фӕндагыл Зассеты Арсӕмӕг рамбылдта Инди ӕмӕ Болгарийы минӕвӕртты, ӕрдӕгфиналы та уæззау тохы фӕуӕлахиз турниры фаворит ирайнаг Салар Сайед Хабибиехсанийыл.

Июны кӕрӕтты Коцты Тамерланы ӕндӕр хъомылгӕнинаг – Бестауты Андрей – ссис Европӕйы чемпион юниорты хсӕн.