Плиты Мæдинæ: хæсты инвалидты æрвитынц санаторитæм

Фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды президент Плиты Мæдинæ радзырдта интервьюйы радио Sputnik-æн, цал æмбæстаджы арвыстой улæфæн бынæттæм ацы аз
Sputnik

Фыццаг рады фонды кусджытӕ ӕххуыс кӕнынц хӕсты рӕстӕджы уӕззау цӕфтӕ чи райста, ӕмӕ се ‘нӕниздзинад ӕвӕстиатӕй фӕхуыздӕр кӕнинаг кӕмӕн у, уыцы адӕмӕн. Фонды президент куыд банысан кодта, афтӕмӕй 5 инвалиды ӕрыздӕхтысты "Урс дон", "Сосновая роща" ӕмӕ "Тамиск"-ы санаторитӕй, ӕхсӕзӕй та лӕууынц сӕ радмӕ.

"Æнӕниздзинады министрадӕй, социалон фарстыты хайадӕй мах исӕм ӕстыр хъусдард ӕмӕ та нын ацы аз дӕр рахицӕн кодтой балцӕгтӕ", - загъдта фонды президент Мӕдинӕ.

Цхинвалы 2005 азы арӕзт ӕрцыд "1989-2008 азты РХИ-ы территорийыл æфсæддон архæйдтыты рæстæджы инвалидтæ чи ссисты, уыцы фæцæфуæвæг адæмы фонд". Уӕдӕй фӕстӕмӕ фонд баххуыс кодта дӕсгай адӕймӕгтӕн се ‘нӕниздзинад фӕхуыздӕр кӕнын, реабилитаци рацӕуын, протезтӕ самал кӕнын. Хуссарирыстойнаг инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвӕг хӕстонты фонды ис 200 адӕймаджы онг.