Стадион ӕмӕ сценӕ: Хуссар Иры хъӕуы скъуыддзаг кӕнынц фӕсивӕды проблемӕ

Цхинвалы районы ЦКХ хистӕр радзырдта арӕзтадон куыстыты тыххӕй хъӕуы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Къостайы хъӕуы бавнӕлдтой гом арвы бын сценӕ цалцӕг кӕнынмӕ, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы районы администрацийы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) хистӕр Хъотайты Борис.

Хуссар Иры хъæутæй иуы арæзт цæуы медпункт

Уый банысан кодта, сценӕйы уӕлхӕдзар зиан кӕй баййӕфта 2008 азы хӕсты рӕстӕджы.

"Мах райхӕлдтам купол сценӕйы сӕрмӕ ӕмӕ йӕ ногӕй сараздзыстӕм. Уымӕй дарддӕр ма сараздзыстӕм дарӕс ивӕн бынӕттӕ дӕр артисттӕн", - радзырдта районы ЦКХ хистӕр.

Хъотайты Борис бафтыдта, зӕгъгӕ, фӕуд кӕны ног стадионы арӕзтад дӕр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, стадионы уыдзӕн футболон быдыр ӕмӕ волейболон фӕзуат.

Куыстыты активон хайад исынц Цъунары хъӕуы цӕрджытӕ.