Суар "Санай: низтæ сурæг минералон дон Дзауы районы

Хуссар Иры минералон дæттæй иууыл рагондæр у “Дзау-суар” - уымæн йæ пайдайы æууæлтæ ахуыргонд-иртасджытæ сбæрæг кодтой 1925 азы
Sputnik

Суар популярон уыд сыхаг Гуырдзыстоны, Мæскуыйы, Ленинграды æмæ 1929 азы уый нысанæн Дзауы суармæ хæстæг арæзт æрцыд пансионат Дзау. Фæлæ-иу пансионаты бынат кæй нæ фæцис, уый та-иу суармæ хæстæг æххуырст фатеры æрцард, цæмæй уырдыгæй цæуа суары цурмæ.

Зæххæнкъуыст æмæ йæ фæстæ цы хæстон цаутæ цыд, уыдон раууатмæ æркодтой Дзау-Суары алфæмблай. Иу рæстæджы “Бæгъиат”-ы донуадзæн завод минералон дон “Дзау” уадзыны функцитæ йæхимæ айста. Фæлæ 2017 азы Дзауы администрацийы уынаффæмæ гæсгæ уый лæвæрд æрцыд амалиуæггæнæг Тедеты Дзамболатмæ æмæ ныртæккæ официалонæй æрмæстдæр уымæн ис ацы суар уадзыны бар. 2018 азæй фæстæмæ “Дзау” цæуын райдыдта базарадон маркæ “Санай”-ы дæлбар. Паддзахадон регистраци райсыны фæстæ сарæзтой завод, æрластæуыд нырыккон донуадзæн хахх æмæ ныр завод иу афæдз уадзы дон “Санай”.

Sputnik уацхæссæг Дриаты Лейла фембæлд, ныртæккæ ацы суаруадзæн завод ногæй йæ къæхтыл чи слæууын кодта, уыцы кондады бæрнон кусæг Плиты Сæрмæтимæ. Уый цыбыртæй радзырдта “Санай”-ы архайды тыххæй.

- Цавæр пайдайы æууæлтæ ис “Дзау-суар”-æн?

- Ацы суар ахъаз у, ахсæнæй чи хъæрзы, ахæм адæймæгтæн. Суары дон фидар кæны адæймаджы иммунитет, хуылфы цы токсинтæ æрæмбырд вæййы, уыцы синдромтæн дæр у ахъазгæнæг. Нæ завод ифтонг у бæрзонд технологион кондадон ифтонггæрзтæй. Заводмæ суарæй цы дон æрласæм, уый цалынмæ заводы донуадзæн хахмæ бацæуы, уæдмæ фильтраци æрцæуы сæрмагонд фильтртыл, кæцы сыгъдæг кæны бактеритæй дон, сыгъдæг æрцæуы УФ тынтæй дæр. Фæлæ уыдæттæ ницы  баджиздарынц пайдаджын микроэлементты, нæ фесæфы донæн йæ ад дæр.

- Цæмæн рахуыдтат суары дон “Санай”?

- Сæнайы хох - афтæ хуыйны иронау Хъазбеджы хох. “Санай” у базарадон маркæ. Мах уыцы номы бын уадздзыстæм æндæр хуыз продукттæ дæр.

Суар "Санай: низтæ сурæг минералон дон Дзауы районы

Ныртæккæ "Дзау-суар"-ы донæй ифтонг кæндзыстæм Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны цæрджыты. Мах уадзæм иу литруат мигæнæнты. Уымæн æмæ ацы суарæй, гастроэнтерологтæ куыд амонынц, афтæмæй бон нуазын хъæуы уыйбæрц. Махмæ ныридæгæн ис Уæрæсейы Федерацийы æвдисæндар паддзахадон регистрацийы тыххæй. Уымæ гæсгæ нæ бон у таможнæйон иудзинад цы бæстæтæн ис, уырдæм экспорт кæнæм нæ товар. Уый фæдыл ласгæ-ласын УФ-æн бафидын хъæуы НДС 20%, уыцы нымæцмæ бафтауын хъæуы транспорты хæрдзтæ. Республикæйæ æддæмæ аласыны хæрдзтæ бирæ лæууынц нæ заводæн æмæ ныртæккæ экспорт нæ цæуы минералон дон.

- Советон дуджы Дзауы суары дон барстой Есентуки 4 æмæ 17-имæ. Цæмæй сты иугъуызон æмæ цæмæй хицæн кæнынц?

- Минералон дæттæ хицæн кæнынц æртæ къордыл: 1. Хуымæтæг сыгъдæг дон. Уымæй нуазын хъæуы организм цас куры, уыйбæрц, аразынц дзы хæринаг, компоттæ æмæ а. д. 2. Хосгæнæн дон, кæцыйы цæххы концентраци хъуамæ уа 1-10 граммæ. Уый нуазын хъæуы прафилактикæйы тыххæй. 3. 10 граммæй фылдæр цæхх кæм ис æмæ микроэлементтæй хъæздыг чи у. Уый та нуазынц куыд хос, дохтыры амындмæ гæсгæ. Минералон дон “Дзау” хауы дыккаг къордмæ. Есентуки-17 та у хосгæнæн дон. Уымæ гæсгæ уымæй нуазын хъæуы æрмæстдæр дохтыры амындмæ гæсгæ. Есентуки-4 “Дзау”-æй хицæн кæны къаддæр минерализацийæ. Уымæ гæсгæ “Дзауы суар”-æй нуазæн ис профилактикон нысанæн. Йæ мидæг цы минералтæ ис, уыдон хорз тайын кæнынц биологон элементтæ. Уый та æнæнизы хос у адæймаджы организмæн.