Бӕззаты Геннадий: фӕззӕджы Къуайсайы сывӕллӕттӕ ӕрбацӕудзысты ног цалцӕг сабидонмӕ

Горӕт Къуайсайы администрацийы сӕрдар Бӕззаты Геннадий радзырдта радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн сабидоны арӕзтады тыххӕй
Sputnik

Хуссар Ирыстоны горӕт Къуайсайы июны райдыдтой сабидоны цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, фехъусын кодта горӕты администрацийы сӕрдар Бӕззаты Геннадий.

"Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ уагъд цӕуынц дыууӕ уӕладзыгыл дӕр. Афтӕ ма ногӕй рацараздзысты сабидоны агъуыст ӕмӕ ӕмбонд дӕр. Арӕзтадон куыстытӕ иууылдӕр фӕуыдзысты августы кӕрӕттӕм", - банысан кодта Бӕззаты Геннадий.