Чилӕхсаты Таир фӕуӕлахиз Дзӕуджыхъӕуы боксерон изӕры сӕйраг тохы

91 килограммӕй фылдӕр уӕзы категорийы тохы ирон боксер рамбылдта Гуырдзыстоны минӕвары
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Цхинвайлаг спортсмен Чилӕхсаты Таир цыппӕрӕмы ссис "Россия – Китай" боксы изӕры сӕйраг тохы уӕлахиздзау, хъусын кӕны 15-регион.

Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсӕмӕг ссис дунейы чемпион

Матчон фембӕлды фӕлгӕтты ацыд 11 тохы.

91 килограммӕй фылдӕр уӕзы категорийы тохы фембӕлдысты Чилӕхсаты Таир ӕмӕ гуырдзиаг спортсмен Тамаз Задишвили. Фыццаг раунды инициативӕ уыд ирон спортсменмӕ. Дыккаг раунды Чилӕхсаты Таир арвыста Задишвилийы нокдауны. Тох хъуамӕ фӕуыдаит ӕмгъуыдӕй раздӕр, фӕлӕ гуырдзиаг боксер дӕр райдыдта размӕ бырсын, афтӕмӕй иу бауагъта хуссарирыстойнаг спортсмены уӕззау цӕфтӕ.

Тохы фӕстиуӕгӕн, тӕрхонгӕнджыты ӕмхъӕлӕс скъуыддзагӕй уӕлахиздзау ссис Чилӕхсаты Таир.

Тохы фӕстӕ цхинвайлаг спортсменӕн йӕ уӕлахизы цытӕн раарфӕ кодтой ӕмӕ радтой лӕвар Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хицауады сӕрдары хӕдивӕг Икъаты Русланбег.