Гарзджын тыхты элитӕ: Хуссар Иры президент раарфӕ кодта "базырджын ӕфсадӕн"

Десанты профессионалон бӕрӕгбон нысан кӕнынц Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы майрӕмбоны, 2 августы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта УФ Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты (УДӔ) командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Андрей Сердюковӕн, УФ уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн.

Бибылты Анатолий Рязаны УДӔ ахуыргӕнджытӕн: бузныг Ирыстоны ног элитӕйы тыххӕй

"Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты нымайынц гарзджын тыхты элитӕйыл. Уӕ хъӕбатыр ӕмӕ намысджын архайды руаджы Уӕрӕсейы Федерацийы ис сабырдзинад", - дзырдӕуы арфӕйы тексты, кӕцы ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы официалон сайтыл.

Президент бафтыдта, уӕлдӕфон-десантон ӕфсад кӕй ӕххӕст кӕны ӕмбӕстӕгты сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад. Афтӕ ма Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, ӕвзонг фӕлтӕр дарддӕр кӕй хъахъхъӕндзӕн Уӕрӕсейы паддзахадон интерестӕ.

Уымӕй дарддӕр Бибылты Анатолий раарфӕ кодта бӕрӕгбоны цытӕн УФ хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Юнус-Бек Евкуровӕн, Рязаны уӕлдӕфон-десантон ахуыргӕнӕндоны хистӕр Александр Рагозинӕн, Волгограды областы губернатор Андрей Бочаровӕн ӕмӕ Паддзахадон думӕйы депутаттӕ Андрей Красов, Александр Шерин ӕмӕ Владимир Шамановӕн.