"Энергоресурс" хицӕн кӕны "ӕдзӕсгом" абонентты газ ӕмӕ рухс

Газифтонгады службæйы кусджытæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй газ ахицæн кæнынц ахæм абоненттæн, кæцытæн сæ хæс ахизы фондз мин сомæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik, Дриаты Лейла. Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс" бахъаст кодта тæрхондонмæ 180 дебиторыл, кæцытæ дæргъвæтин рæстæг нæ бафыстой газ æмæ электронон рухсы аргъ, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны.

"Хъыгагæн, фиддонтæ фидыны уавæр нæ республикæйы мæгуырау у, уæлдайдæр та районты. Уый та æвзæрæрдæм æндавы нæ республикæйы экономикæйыл", - зæгъы "Энергоресурс"-ы хистæры хæдивæг Гæбæраты Анатолий.

Газифтонгады службæйы кусджытæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй газ ахицæн кæнынц ахæм абоненттæн, кæцытæн сæ хæс ахизы фондз мин сомæй.

Хуссар Иры хӕс газ ӕмӕ рухсы ӕввонггӕнджыты раз схызт ӕрдӕг миллиард соммӕ

"Фæлæ, уый æнæнхъæлæджы нæ вæййы абонентæн, уымæн æмæ цалынмæ газ нæ ахицæн кæнæм, уæдмæ контролер бафæдзæхсы абоненты, сæ фиддонтæ æгæр кæй сбирæ сты. Уый фæстæ сæм бацæуы официалонæй гæххæтт дæр. Дæс боны куы рацæуы уыцы хъусынгæнинагæй, уæд газы службæйы кусджытæн бар ис абонентæн æрдзон газ ахицæн кæнын", - радзырдтой уагдоны.

"Энергоресурс"-ы бафтыдтой, зæгъгæ, хъыгагæн, абонентæн æрмæстдæр сæ газ æмæ рухс куы æрцæуынц хицæн, уæд райдайынц агурын мадзæлттæ, цæмæй бафидой сæ фиддонтæ.

"Иууыл хъыгаг та у, службæйы кусджытæ иу кæнæ иннæ абонентæн сæ хахх куы ахицæн кæнынц, уæд сæм лæбурдтытæ æмæ æртхъирæнтæ кæй  фæкæнынц. Уымæ гæсгæ уыдон газы коммуникацитæй хицæн кæныны сæр куы бахъæуы, уæд семæ акæнынц барадхъахъхъæнæг органты кусджыты, цæмæй уыдон фæрцы конфликт иуварс æрцæуа", - загътой куыстуаты.

"Энергоресурс"-ы къухдариуӕгад сиды цӕрджытӕм, цӕмӕй афоныл фидой ацы лӕггӕдты аргъ, уымӕн ӕмӕ "ногæй коммуникацитæм куы иу кæной абоненты, уæд хъуамæ бафида уæлæмхас 1280 сомы".

Хуссар Иры газы фадыджы кусджытæ рацыдысты аттестаци

Ӕнгæс тенденци ис энергетикæйы фадыджы дæр. Уагдоны хистæр куыд банысан кодта, афтæмæй боны мидæг электроэнергийы хызæгæй хицæн æрцæуынц 50 абоненты бæрц.

Энергохызæджы системæйы та хицæн цæуынц ахæм абоненттæ, кæцытæн сæ фиддонтæ схызтысты дыууӕ мин соммæ. Уыдон ныхмæ дæр ист цæуы æнгæс мадзæлттæ.

Уавæр рараст кæныны тыххæй "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон"-ы кусджытæ систематикон æгъдауӕй ауадзынц рейдтӕ, саразынц акттæ. Йæ фиддонтæ кæмæн сбирæ вæййынц æмæ сæ афоныл чи нæ фиды, уыдон фӕивар кӕнынц, кæннод та хицæн æрцæуынц сæ электрохæххытæ дæр.