Схъомыл кӕнын чысыл гениты: Цхинвалы бакодтой менталон арифметикӕйы скъола

Менталон арифметикӕйы программӕ здӕхт у сывӕллоны иумӕйаг райрӕзтмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы байгом ис Цӕгатирыстойнаг менталон арифметикӕйы скъола "Тесла"-йы филиал. Уый бакодтой Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕхсӕзӕм скъолайы бӕстыхайы. Центр райдыдта кусын ивгъуыд сабаты.

Скъолайы бакондмӕ ӕрцыд гениты скъола "Тесла"-йы разамонӕг Сугъараты Заира, кӕцы радзырдта Sputnik здӕхтты спецификӕ ӕмӕ центры куысты тыххӕй.

Уый фехъусын кодта, нырма кӕй ацыд техникон баконд, скъолайы бӕрӕгбонон баконд та ацӕудзӕн ахуырадон азы райдайӕны.

Нырма райстой менталон арифтемикӕйы программӕмӕ гӕсгӕ къордтӕ, кӕцыты ахуыр кӕндзысты 6-14 азы кары сывӕллӕттӕ. Афтӕ ма скъоламӕ исдзысты 4-6 азы кары сабиты.

"Менталон арифметикӕ "Юсимас" ныридӕгӕн кусы 25 азы дунейы 80 бӕстӕйы, кӕцыдӕр бӕстӕты (Инди, Малайзи, Казахстан, Япони) уый бахастой скъолайы программӕмӕ", - бахахх кодта Сугъараты Заира.

Программӕйы сконды ис авд сӕйраг ӕмӕ ӕртӕ уӕлӕмхасӕн ӕмвӕзады. Иу ӕмвӕзад сахуыр кӕныны дӕргъ вӕййы ӕртӕ-цыппар мӕйы.

Схъомыл кӕнын чысыл гениты: Цхинвалы бакодтой менталон арифметикӕйы скъола

Сывӕллӕттӕ арӕх фӕцӕуынц ерыстӕм. Дзӕуджыхъӕуккаг скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ хайад истой цӕгаткавказаг, ӕппӕтуӕрӕсейон ӕмӕ дунейон ерысты, афтӕ ма Иордани ӕмӕ Казахстаны чемпионаты дӕр.

"Сывӕллӕттӕ Дзӕуджыхъӕуӕй уыдысты Иорданийы, уым мах бацахстам иу фыццаг ӕмӕ иу ӕртыккаг бынат, хайад райстам дунейы чемпионаты Малайзии, цы ран Коцты Дзамболат рамбылдта ӕвзист майдан. Казахстаны ӕхсӕнадӕмон чемпионаты та Дзабиты Денис Хуссар Ирыстонӕй бацахста дыккаг бынат", - радзырдта Сугъараты Заира.

Афтӕ ма скъоламӕ ӕрцыд ахуыргӕнӕг Дзӕуджыхъӕуӕй Хацырты Агуындӕ, уый ахуыр кӕны сывӕллӕтты ӕртыккаг аз.

Цхинвалы бакæндзысты менталон математикæйы скъола

"Сывӕллӕттӕн иу урокы рӕстӕджы райтынг вӕййынц цалдӕр курдиаты. Ахуыры программӕйыл бакуыстой лӕмбынӕгӕй. Урокы рӕстӕджы сывӕллӕттӕ нӕ бафӕллайынц, уымӕн ӕмӕ иудадзыг ивд цӕуы сӕ архайд", - загъта Хацырты Агуындӕ.

Центры ахуырдзаутӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ ахуыртӕ иууылдӕр рӕстӕгмӕ. Уыдон нӕ ерыс кӕнынц иннӕ сывӕллӕттимӕ, фӕлӕ кусынц сӕхи сӕрмагонд фӕстиуӕгыл. Уый сын дӕтты хорз стимул.

Менталон арифметикӕйы уроктӕ нӕ хъыгдарынц скъолайы ахуыр, фӕлӕ йын ноджы ӕххуыс кӕнынц.

Менталон арифметикӕйы скъоламӕ исынц сывӕллӕтты райрӕзты алыгъуызон ӕмвӕзадимӕ. Арӕнӕвӕрд уавӕртимӕ сывӕллӕттӕ Дзӕуджыхъӕуы ахуыр кӕнынц ӕнӕаргъӕй.