Ныббырст ӕмӕ хъахъхъӕд: Хуссар Иры ӕфсад равдыста тактикон фӕлтӕрддзинад

Мадзал ссис дыууӕмӕйон интенсивон ахуырты фӕстиуӕг, кӕцыты рӕстӕджы сӕрмагонд нысаны дӕлхайады ӕфсӕддонтӕ хуыздӕр кодтой сӕ хӕстон-тактикон цӕттӕдзинад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы батальон равдыста дыууӕмӕйон интенсивон ахуырты фӕстиуӕг, хъусын кӕны дыццӕджы уагдоны пресс-службӕ.

Ныббырст ӕмӕ хъахъхъӕд: Хуссар Иры ӕфсад равдыста тактикон фӕлтӕрддзинад

Министрады куыд бамбарын кодтой, афтӕмӕй ӕртӕбонон ахуыртӕ цыдысты хӕстон уавӕртӕм бынтон хӕстӕг фадӕтты.

"Фыццаг этапыл бакуыстам хъусинаджы сигнал ӕмӕ уайтагъд хӕстон цӕттӕдзинадмӕ ӕркӕныныл. Дыккаг этапыл тактикон къордтӕ раконд ӕрцыдысты условон ныхмӕлӕууӕджы фӕсчъылдыммӕ. Фӕстаг, ӕртыккаг этапыл ӕххӕст цыдысты разӕсгарӕн хӕстӕ", - радзырдтой Хъахъхъӕнынады министрады.

Сӕрмагонд нысаны батальон бакуыста ахӕм элементтыл, куыд ныхмӕлӕууӕджы агуырд, ныббырст бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ ауадзын, знагӕй хи бахъхъахъхъӕнын ӕмӕ ӕнд.

Кӕронбӕттӕны ӕфсӕддонтӕ сарӕзтой марш-бросок сӕ ӕдзухон дислокацийы пунктмӕ.