"Раззагонтӕ": Хуссар Иры фӕзындзӕн сывӕллӕтты ног организаци

ССРЦ рӕстӕджы ногдзауты хуызӕн организацимӕ исдзысты сывӕллӕтты, кӕцытӕ ӕвдисынц культурӕйы бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ скъолайы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕзындзӕн сывӕллӕтты организаци "Раззагонтӕ", ССРЦ рӕстӕджы ногдзауты хуызӕн, фехъусын кодта РИА Новости республикӕйы ахуырады министр Гасситы Натали.

Хуссар Иры ӕрдзырдтой ахуыр ирон ӕвзагмӕ ракӕныныл

Организацимӕ бахизыны фадат уыдзӕн 5-9 къласты ахуыргӕнинӕгтӕн, кӕцытӕ ӕвдисынц культурӕйы бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ скъолайы.

"Уый у организаци, кӕцыйы бындуры сты националон традицитӕ ӕмӕ ӕгъдау. Ацы организаци фӕиппӕрд кӕндзӕн сывӕллӕтты интернетӕй", - фехъусын кодта журналисттӕн министр.

Гасситы Натали банысан кодта, ныртӕккӕ кӕй кусынц организацийы нормативон документацийыл, арӕзт цӕуынц йӕ хайӕдтӕ республикӕйы скъолаты. Афтӕ ма куыст цӕуы "Раззагонтӕ"-йы символикӕйыл.