Ирыстойнаг чызг рамбылдта ӕхсӕнрегионалон ерыстӕ картингӕй

Годжиты Марина бацахста фыццаг бынат класс "Пионер"-ы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсменкӕ, 12-аздзыд Годжиты Марина рамбылдта Уӕрӕсейы Хуссары ӕхсӕнрегионалон ерыстӕ картингӕй, кӕцытӕ нывонд уыдысты Афганистанӕй Советон ӕфсады ракондыл 30 азы сӕххӕстӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15 Регион.

Ерыстӕ, кӕцыты Годжиты Марина бацахста фыццаг бынат класс "Пионер"-ы, уагъд цыдысты Кӕсӕг-Балхъары.

Дзӕуджыхъӕуы ӕвзонг техникты станцы хъомылгӕнинаджы бацӕттӕ кодта Цуциты Владимир.