Цхинвалы ссардтой 2008 азы агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Хуссар Ирыстоны парламенты агъуысты раз фыдохы мадзалмӕ бацыдысты сӕдӕгай адӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Мысӕн акцийӕ сахат раздӕр парламенты размӕ ӕрбацыдысты сӕдӕгай адӕм. Уыдон цыдысты алкӕцы уылты дӕр, сӕ цӕстытӕ иу баззадысты хӕсты амӕттӕгты къамтыл, кӕцытӕ лӕууыдысты парламенты раз асинтыл.

"Ацы адӕмы мардтой ӕрмӕстдӕр уымӕн ӕмӕ уыдысты ирӕттӕ. Гуырдзиаг агрессортӕ не взӕрстой, нӕлгоймаг ис сӕ разы, сылгоймаг ӕви сывӕллон", - бадзырдта ӕрӕмбырдуӕвджытӕм республикӕйы президент Бибылты Анатолий.

Цхинвалы ссардтой 2008 азы агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, кӕй не мбары дунейы ӕхсӕнады позици, кӕцы нырма дӕр нӕ саргъ кодта ацы фыдракӕндӕн.

"Мах нӕ рох кӕнӕм уыцы ӕвирхъау цаутӕ. Уыдзӕн рӕстӕг, ӕмӕ сӕйраг фыдгӕнӕг – президент Саакашвили – ӕрлӕудзӕн трибуналы раз, цӕмӕй йӕ бафхӕрой", - загъта Бибылты Анатолий.

Цхинвалы ссардтой 2008 азы агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Бибылты Анатолийы ралӕуды фӕстӕ сывӕллӕтты хор сӕххӕст кодта скуывд Хуыцаумӕ  "Отче наш".

Афтӕ ма адӕмы раз ралӕууыд Сатихъары администрацийы сӕрдар Дыгъуызты Николай.

"Ӕз азымджын кӕнын фашизм ме фсымӕры амарыны ӕмӕ мӕ цард фехалыны. Ӕз дзурын бузныг уӕрӕсейаг ӕфсӕддонӕн", - загъта Дыгъуызты Николай.

Цхинвалы ссардтой 2008 азы агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.