"Этнолагерь-2019"-ы хайадисджытӕ ӕрцыдысты балцы Хуссар Иры Дзауы районмӕ

Экскурсийы фӕлгӕтты фӕсивӕды минӕвӕрттӕ уыдысты горӕт Къуайсайы, бабӕрӕг кодтой Къуыдаргомы лӕгӕттӕй иу. Афтӕ ма федтой Эрцъойы цад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Культурон-ахуырадон проект "Этнолагерь-2019. Аланты фӕд"-ы V юбилейон сезоны хайадисджытӕ цыппӕрӕмы уыдысты экскурсийы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

"Этнолагерь-2019"-ы хайадисджытӕ ӕрцыдысты балцы Хуссар Иры Дзауы районмӕ

Акци "Этнолагерь" здӕхт у ирон ӕвзаг ӕмӕ культурӕ сахуыр кӕнынмӕ ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ цӕрынц Уӕрӕсейы ӕддейӕ.

"Экскурсийы фӕлгӕтты фӕсивӕды минӕвӕрттӕ уыдысты горӕт Къуайсайы, бабӕрӕг кодтой Къуыдаргомы лӕгӕттӕй иу. Афтӕ ма федтой Эрцъойы цад, кӕцы зындгонд у алкӕцы 5-6 азы кӕй фесӕфы, уымӕй", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

"Этнолагерь-2019"-ы хайадисджытӕ ӕрцыдысты балцы Хуссар Иры Дзауы районмӕ

Ӕвзонг адӕм Уӕрӕсе, Сири, Турк, Германи, Казахстан, Таджикистан, Нидерланды ӕмӕ Францийӕ фӕдис сты Дзауы районы аив бынӕттӕй.

"Ӕз фехъуыстон, ам иттӕг хорз кӕй у, фӕлӕ ныр та мӕхӕдӕг федтон ацы аив бынӕттӕ", - загъта йӕ хъуыды проекты хайадисӕг Голоты Сосланбег Казахстанӕй.

Аланты фӕд: "Этнолагерь-2019" ӕрӕмбырд кодта ирӕтты ӕппӕт дунейӕ

Республикӕйы Дзауы районӕй фӕсивӕдон форумы хайадисджытӕ рацыдысты Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ, цы ран ПККЗ "Чермен"-ы уыдонӕн равдыстой Мамиты Грийы киноныв "Iron Vandee".

Проект "Этнолагерь" ӕрбаиу кодта этникон ирӕтты алыгъуызон бӕстӕты. 2018 азы проекты фӕлгӕтты Хуссар Ирыстон бабӕрӕг кодтой дыууын дыууӕ адӕймаджы фондз бӕстӕйӕ. Проекты хайадисджытӕ сты фӕсивӕды минӕвӕрттӕ 18-35 азы кары.

Ӕрвылазон форумы организатор у Цӕгат Ирыстоны националон ахастыты фӕдыл министрад.