Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ бахызтысты Уӕрӕсейы командӕйы скондмӕ дунейы фыццагады

Ерыстӕ уагъд цӕудзысты Таллины 12-14 августы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Ӕхсӕз ирон спортсмены хайад райсдзысты дунейы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ӕвзӕнгты хсӕн Уӕрӕсейы командӕйы сконды, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ирыстойнаг чызг рамбылдта ӕхсӕнрегионалон ерыстӕ картингӕй

Командӕйы сконды сты: Хӕдӕрцаты Алик (61 кг), Куыдзойты Алан (70 кг), Бетъанты Дэвид (74 кг), Багаты Алан (92 кг), Гӕззаты Асланбег (97 кг), Хуыбылты Ален (125 кг).

Цыппар рӕвдзыты рӕстӕджы спортсментӕ цӕттӕ кодтой РЦИ-Аланийы ӕвзӕнгты командӕйы тренер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Лалыты Вадимы къухдариуӕгады бын.

Ерыстӕ уагъд цӕудзысты Таллины 12-14 августы.