Дзӕуджыхъӕуы фӕзынд тӕхӕг Кобылты Сергейы граффити

Куыст сныв кодтой хӕдзары къулыл, кӕцы ис ССРЦ хъайтары номыл уынгыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Сфӕлдыстадон лаборатори "Портал"-ы нывгӕнджытӕ сарӕзтой Дзӕуджыхъӕуы граффити, кӕцы нывонд у Советон Цӕдисы Хъайтар, тӕхӕг Кобылты Сергейӕн, хъусын кӕны Осетия-Ирыстон.

Цхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей

Советон ӕфсады дӕлбулкъоны хуызист гӕнӕн ис фенын дыууӕуӕладзыгон хӕдзары разуындыл, кӕцы ис ССРЦ хъайтары номыл уынгыл.

Кобылты Сергей службӕ кодта авиацион полкъы. Кобылты Сергейы фыццаг уӕлахиз уыд 1941 азы. Тохты рӕстӕджы ирон хъайтар ӕрӕппӕрста ныхмӕлӕууӕджы 27 хӕдтӕхӕджы, кӕцыты фылдӕр хай уыдысты уӕззау бомбӕкалӕн хӕдтӕхджытӕ. Кобылты Сергей хорзӕхджын ӕрцыд Сырх Тырысайы орденӕй.