Гасситы Мурӕт рахауд WBC топ-15 рейтингӕй

Раздӕр ирон спортсмен ацы номхыгъды ахста фыццаг бынат
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурӕт рахауд ӕппӕтдунейон боксерон советы (WBC) топ-15 рейтингӕй.

УФ боксы федерацийы хистӕр ныммыхуыр кодта Гасситы Мурӕтимӕ тренировкӕйы видео

Хабар фӕбӕрӕг ис, WBC йӕ официалон сайтыл спортсменты ног рейтинг куы ныммыхуыр кодта, уый фӕстӕ, хъусын кӕны Sportbox.

Раздӕр ирон спортсмен ацы номхыгъды ахста фыццаг бынат. Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй Сланты Виталийы аннӕ хъомылгӕнинаг Федор Чудинов та схызт фӕндзӕм бынатмӕ дыккаг астӕуккаг уӕзы категорийы.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинаг Александр Усикӕн.