Хуссар Иры хъӕуы цӕрӕг зайын кодта гӕн, йӕ ныхмæ бакодтой уголовон хъуыддаг

Республикӕйы МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) фӕдагурджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг республикӕйы цӕрӕджы фӕдыл, кӕцы зайын кодта гӕн йӕ цӕхӕрадоны, хъусын кӕны къуырисӕры уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры хъæутæй иуы цæрæгмæ ссардтой хæцæнгарз æмæ наркотикты егъау парти

"Дзауы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы басгӕрстой хъӕуы 45-аздзыд цӕрӕджы хӕдзар. Басгӕрсты рӕстӕджы оперативон кусджытӕ ссардтой йӕ цӕхӕрадоны гӕны фараст къутӕры. Наркотикон буарадимӕ зайӕгойтӕ скъахтой", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ацы цауы фӕдыл ӕрмӕджытӕ барвыстой МХМ фӕдагуырды хайадмӕ, фыдгӕнӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.

Криминагенон уавӕр

Афтӕ ма уагдоны фехъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри кӕй ӕрцыд ӕртӕ фыдракӕнды, уыдон иууылдӕр сбӕрӕг кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой аст адӕймаджы, уыдонӕй ӕртӕйы ныхмӕ бакодтой административон хъуыддӕгтӕ.

Республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕр

Ивгъуыд къуыри республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд цыппар фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райстой дыууӕ адӕймаджы.

Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 183 фӕткхалды. Аст шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.