Ирыстойнаг шпажисткӕ ссис сӕрдыгон Спартакиадӕйы уӕлахиздзау

Финалон тохы Бекмӕраты Яна рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Мӕскуыйӕ Анна Гзюновайы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Бекмӕраты Яна рамбылдта сыгъзӕрин майдан фехтованийӕ ерысты финалон этапы, кӕцы уагъд цӕуы Уӕрӕсейаг ахуыргӕнинӕгты IX сӕрдыгон Спартакиадӕйы фӕлгӕтты Пензайы, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Тедеты Тимур Ирыстонӕй ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер грэпплингӕй

Финалон тохы Бекмӕраты Яна рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Мӕскуыйӕ Анна Гзюновайы.

Спортсменкӕйы тренертӕ сты Хъесаты Ирина ӕмӕ Моргуаты Всеслав.

Афтӕ ма дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг бынӕттыл ацыдысты Толасты Артур ӕмӕ Владимир.

Амӕйразмӕ Ирыстойнаг шпажисткӕ Суанты Манана рамбылдта бронзӕйы майдан Италийы уагъд цӕуӕг Европӕйы фыццагады ӕвзӕнгты хсӕн.