Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕзт Ленингоры районы

Развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ, быдыры зынгсирвӕзты аххосаг уыд адӕймаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik. Ленингоры районы Цъинагары хъӕуы дыццӕджы бонӕй ӕрцыд зынгсирвӕзт быдыры, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).

"Фӕллой ӕмбырд кӕныны рӕстӕджы быдыры баззад хос брикетты, растдӕр уым ӕрцыд зынгсирвӕзт – уыцы брикеттӕй басыгъд ӕртӕ сӕдӕйӕ фылдӕр. Зынгсирвӕзт хуыссын кӕнынмӕ ӕрбаздӕхтой Орчъосан ӕмӕ Ленингоры зынгфӕдисонты", - радзырдтой уагдоны.

Ныртӕккӕ эксперттӕ хъуамӕ сбӕрӕг кӕной зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ, фӕлӕ развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ, цауы ӕрцыд артимӕ ӕнарӕхстджын архайды тыххӕй.

УУМ ногӕй ӕрсидт ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной ӕдасдзинады фӕтктӕ артимӕ архайгӕйӕ.