Цӕгат Иры ацӕудзысты терроризмы ныхмӕ ахуыртӕ

Ахуырты рӕстӕджы бакусдзысты террористон акт ма ӕруадзыныл, амынӕты уӕвӕг адӕмы ссӕрибар кӕныныл ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ сӕнӕзианхъом кӕныныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Горӕтгӕрон районы территорийыл уагъд ӕрцӕудзысты терроризмы ныхмӕ ахуыртӕ, цы ран хайад райсдзысты ӔФС, МХМ, Росгварди ӕмӕ УУМ-ы тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ, хъусын кӕны 15-ӕм регион республикӕйы оперативон штабыл ӕнцойгӕнгӕйӕ. 

Ныббырст ӕмӕ хъахъхъӕд: Хуссар Иры ӕфсад равдыста тактикон фӕлтӕрддзинад

Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй ахуырты рӕстӕджы бакусдзысты гидротехникон агъуысттыл террористон акт ма ӕруадзыныл, амынӕты уӕвӕг адӕмы ссӕрибар кӕныныл, бандгруппӕты нейтрализацийыл ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ сӕнӕзианхъом кӕныныл.

Уымӕ гӕсгӕ республикӕйы оперативон штаб сиды ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй ма тӕрсой, ма хъыг дарой барадхъахъхъӕнӕг органты куыст. Ахуырты рӕстӕджы ма районы ӕрӕхгӕндзысты фӕндагон змӕлд дӕр.